Премьер-министры барамындæй, 16-æм июль расидтæуыд фыдохы бонæй
Премьер-министры барамындæй, 16-æм июль расидтæуыд фыдохы  бонæй

Гуырдзыстоны  премьер- министр  Мамука Бахтадзейы  барамындæй,  Тъхъибулы  шахтæйы æрцæугæ трагедийы тыххæй, 16-æм июль   фыдохы  бонæй  расидтæуыд.

Æмбæлон  бардзырд  хицауады сæргълæууæг  цалдæр минуты размæ  адæтта. Фыдохы бонмæ  гæсгæ,  Гуырдзыстоны территорийыл    алы  админстрацион бæстыхайыл  паддзахадон тырысатæ  бынмæ  æруадздзысты.

Минделлийы  шахтæйы абон сæумæрайсом  трагеди æрцыд.  Цауы  амæттаг фесты  4  адæймаг. Ноджы æхсæз та  зиæнттæ райстой.   МХМ-ы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   фæдæвзарæны  фыццагон   информацийæ,   Минделлийы   шахтæйы  иуæй-иу  тунеы  æнхъæлцау  метаны  стынды  фæстиуæгæн  къулты деформацийы тыххæй  æркалдис цар.   Фактыл фæдæвзарæн  райдыдта  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы  дыккаг  хайæ.

Тъхъибулы  шахтæйы бардарæг у  компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди  цæугæ азы  5  апрелы  дæр æрцыд.  Уæд   цауы  фæстиуæгæн 6  адæймаг  фæмард.