Мамука Бахтадзе - «Рустави2»-ы эфиры лæвæрд сидт у, провокаци, сегасæй стыр тас хæссæг æрвитæггаг Гуырдзыстоны сабырад æмæ æдасдзинады ныхмæ
Ай у провокаторты хæст сæрмагонд бæстæйы ныхмæ, æлгъаг æмæ цъаммар хъазт паддзахады æмæ æмбæстæгты æдасдзинадимæ – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министры, Мамука Бахтадзейы фидиуæны дзырдæуы.
«Уый цыдæриддæр абон гуырдзиаг дзыллæ федта «Рустави2»-ы эфиры, уый у категорионæй нæрайсгæ. Ацы сидтæн иунысанонæй аргъ дæттын, куыд провокацийæн, куыд егъау тас хæссæг æрвитæггагæн, кæцы уагъд у Гуырдзыстоны сабырады æмæ æдасдзинады ныхмæ.
Уырнæг дæн, цæмæй Гуырдзыстоны алы æмбæстаг æмæ Гуырдзыстоны алы хæлар йæхи дард айсдзæн ахæм авантюрæйæ, алы зæндджын адæймаг ацыфакты схондзæн политикъонæй тынг тæссаг провокацийы равдыстæй.
Ай у провокаторты хæст сæрмагонд бæстæйы ныхмæ, цъаммар æмæ æлгъаг хъазт паддзахады æмæ æмбæстæгты æдасдзинадимæ» – хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министр.