Мамука Бахтадзе - «Рустави2»-ы  эфиры лæвæрд сидт у, провокаци, сегасæй стыр тас хæссæг æрвитæггаг Гуырдзыстоны сабырад æмæ æдасдзинады ныхмæ
Мамука Бахтадзе - «Рустави2»-ы эфиры лæвæрд сидт у, провокаци, сегасæй стыр тас хæссæг æрвитæггаг Гуырдзыстоны сабырад æмæ æдасдзинады ныхмæ

Ай у провокаторты хæст сæрмагонд бæстæйы ныхмæ, æлгъаг  æмæ  цъаммар  хъазт паддзахады æмæ  æмбæстæгты æдасдзинадимæ – уый  тыххæй  Гуырдзыстоны премьер-министры, Мамука Бахтадзейы  фидиуæны дзырдæуы.

«Уый цыдæриддæр абон   гуырдзиаг дзыллæ федта  «Рустави2»-ы  эфиры, уый  у  категорионæй  нæрайсгæ.  Ацы сидтæн иунысанонæй  аргъ дæттын, куыд провокацийæн, куыд  егъау  тас хæссæг æрвитæггагæн, кæцы уагъд у  Гуырдзыстоны сабырады æмæ  æдасдзинады ныхмæ.

Уырнæг дæн, цæмæй Гуырдзыстоны  алы  æмбæстаг  æмæ Гуырдзыстоны алы хæлар  йæхи дард айсдзæн  ахæм авантюрæйæ, алы зæндджын адæймаг ацыфакты  схондзæн  политикъонæй  тынг тæссаг   провокацийы  равдыстæй.

Ай  у  провокаторты хæст сæрмагонд бæстæйы  ныхмæ, цъаммар æмæ æлгъаг  хъазт паддзахады æмæ æмбæстæгты  æдасдзинадимæ» –  хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министр.