Мамука Бахтадзе -  Экономикон рæзынадæй  Гуырдзыстон  уыдзæн регионы лидер
Мамука Бахтадзе - Экономикон рæзынадæй Гуырдзыстон уыдзæн регионы лидер

2018 азы   паддзахадон бюджеты  проекты  бавдисыны рæстæджы,  финансты министр, Мамука Бахтадзе бæстæйы  экономикон   рæзынады  æвдисæгтыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта,  цæмæй 2017 азы  фыццаг 10 мæйы мидæг, развæлгъау  аргълæвæрдæй,   Гуырдзыстоны экономикæ  4.9 процентæй  райрæзт.

«Растдæр 4.9  процент уыд прогнозиргонд экономикон  рæзынад  цæугæ   азмæ. Фæнды  мæ  æнæмæнгæй  бахахх кæнон  цæмæй  нын ис бæрзонд экономикон   рæзты   æнхъæлц  фидæн азмæ. Ацы æнхъæлцы фидар кæны  Æхсæнадæмон Валютон фонды  прогнозтæ  дæр.   Фонды  хъуыдымæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны  экономикон рæзынад  батагъддæр уыдзæн  æмæ ацы   æвдисæгæй, уый уыдзæн  лидер  регионы.  Фæнысанкæнинаг у уый, цæмæй  Фонд  консервативон   прогнозтæ дæтты ( кæцы бæрæг у 2017 азы бæрæггæнæнтæй дæр)  æмæ реалонæй  не æнхъæлц,  цæмй   бирæ бæрзонддæр  экономикон  рæзты  æвдисæг райсдзыстæм.  Егъау нысаниуæг дæттæм  цы реформæтæ сплан кодтам уыдонæн, кæцыты  фæстиуæгæн, æрцæудзæн экономикæйы  æххæст трансформаци,   фæцырддæр уыдзæн рæзынад,  кæцы    æнæмæнгæй  фæзындзæн  бæстæйы æмбæстæгты  дзыбыхдзинады  рæзынадыл» – банысан кодта  Мамука Бахтадзе.