Хицауад экономикæ райрæзын кæныны дæргъвæтин  планыл куыстмæ æрывнæлдта
Хицауад экономикæ райрæзын кæныны дæргъвæтин планыл куыстмæ æрывнæлдта

Оккупацийы фæстæ  нæ цæрджытæн сегасдæр стыр быцæусидт у экономикæ, мæгуырдзинад, æгуыстдзинад æмæ  мах нæ иумæйаг тыхархайд  растдæр ацы æрдæм  хъуамæ   раздахæм.  Ацы проблемæ  алыг кæнынæн  хъуамæ уа   нæ сæйраг акцент, æмæ  ма хъуамæ уа  æнæхъуыды  политикон  хъæлæба æмæ быцæудзинадмæ, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæг  хицауады  абоны рабадтыл  куыд  загъта,  афтæмæй,  зæгъгæ бæстæйы  нысаниуæгджын быцæусидтытæ ис мæгуырдзинады æрдгæй,  кæцы фидæн азты  этапгай алыг кæнын хъæуы.

«Нæ  приоритеттæй  сæ иу  уыдзæн экономикæ райрæзын  кæныны   дæргвæтин план бакусын  æмæ  бавдисын.  Абон  сфидар кæндзыстæм  хицауады рабадтыл  паддзахадон комиссийы  саразын, кæцы кусдзæн æввахс  æртæ мæйы дæргъы  фæнысангонд экономикон  рæзынады  планыл  æмæ фыццаг документы бавдисдзæн зæрдæвæрæны кæрон.  Комиссийы  хайад райсдзæн  алы уыцы  интересджын уæнг,  цахæмдæр сты  хицæн секторы  минæвæрттæ, æрхонгæ  эксперттæ. Нæ рард уыдзæн   алкæцы æрдæмадæй,  куыд гæнæн ис, афтæ тагъд  бавдыстæуа  конкретон  дæргъвæтин   рæзынады план», –   райхъусын кодта Гъарибашвили.