Мамука Бахтадзе - Экономикон рæзынадæй Гуырдзыстон уыдзæн регионы лидер
2018 азы паддзахадон бюджеты проекты бавдисыны рæстæджы, финансты министр, Мамука Бахтадзе бæстæйы экономикон рæзынады æвдисæгтыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй 2017 азы фыццаг 10 мæйы мидæг, развæлгъау аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны экономикæ 4.9 процентæй райрæзт.
«Растдæр 4.9 процент уыд прогнозиргонд экономикон рæзынад цæугæ азмæ. Фæнды мæ æнæмæнгæй бахахх кæнон цæмæй нын ис бæрзонд экономикон рæзты æнхъæлц фидæн азмæ. Ацы æнхъæлцы фидар кæны Æхсæнадæмон Валютон фонды прогнозтæ дæр. Фонды хъуыдымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны экономикон рæзынад батагъддæр уыдзæн æмæ ацы æвдисæгæй, уый уыдзæн лидер регионы. Фæнысанкæнинаг у уый, цæмæй Фонд консервативон прогнозтæ дæтты ( кæцы бæрæг у 2017 азы бæрæггæнæнтæй дæр) æмæ реалонæй не æнхъæлц, цæмй бирæ бæрзонддæр экономикон рæзты æвдисæг райсдзыстæм. Егъау нысаниуæг дæттæм цы реформæтæ сплан кодтам уыдонæн, кæцыты фæстиуæгæн, æрцæудзæн экономикæйы æххæст трансформаци, фæцырддæр уыдзæн рæзынад, кæцы æнæмæнгæй фæзындзæн бæстæйы æмбæстæгты дзыбыхдзинады рæзынадыл» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.