Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстон лæууы вэнесуэлайаг адæмы фарсмæ ацы уæззау периоды
Гуырдзыстон лæууы Вэнесуэлайæн йæ фарсмæ ацы уæззау рæстæджы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, Вэнесуэла уæззау гуманитарон кризисы уæвы æмæ нæрайсгæ у æфсæддон тыхæй спайда кæнын адæмы ныхмæ гуманитарон æххуыс райсты рæстæджы.
«Вэнесуэла уæвы æгæр уæззау уавæры æмæ сеппæтæй уæззау гуманитарон кризисы. Бынтон нæрайсгæ у æфсæддон тыхæй спайда кæнын адæмы ныхмæ гуманитарон æххуы райсты рæстæджы. Адæмæн рæувадат хъуамæ уа гуманитарон æххуыс æмæ урæд æрцæуд тыхми бæстæйы хуымæтæг æмбæстæгтыл. Гуырдзыстон лæууы вэнесуэлайаг адæмы фарсмæ ацы уæззау периоды» – хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе «Твиттеры» фæрцы.