Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстон лæууы вэнесуэлайаг адæмы фарсмæ ацы уæззау периоды

19:28, 26.02.2019

Гуырдзыстон лæууы Вэнесуэлайæн  йæ фарсмæ ацы уæззау  рæстæджы – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  социалон хызаг  «Твиттеры» фыссы.

Премьер куыд банысан кодта  афтæмæй, Вэнесуэла  уæззау гуманитарон кризисы уæвы  æмæ   нæрайсгæ у  æфсæддон тыхæй  спайда кæнын   адæмы ныхмæ   гуманитарон  æххуыс райсты  рæстæджы.

«Вэнесуэла уæвы æгæр уæззау  уавæры  æмæ сеппæтæй   уæззау  гуманитарон кризисы.  Бынтон нæрайсгæ у  æфсæддон  тыхæй спайда кæнын  адæмы ныхмæ  гуманитарон æххуы райсты рæстæджы. Адæмæн рæувадат хъуамæ  уа   гуманитарон  æххуыс æмæ   урæд æрцæуд  тыхми бæстæйы  хуымæтæг æмбæстæгтыл.  Гуырдзыстон лæууы вэнесуэлайаг адæмы  фарсмæ ацы  уæззау  периоды» – хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе «Твиттеры» фæрцы.

Хуыздæр