Мамука Бахтадзе - Æз ысхъæлæс кодтон гуырдзиаг традицитæн æмæ нæ европаг æвзарæнæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Дидубейы æвзарæнон зылды №44 æвзарæнон фадыгыл хайад райста прездиентон æвзæрстыты. Уый журналисттæн фехъусын кодта, цæмæй зæгъгæ схъæлæс кодта гуырдзиагтрадицитæн æмæ европаг æвзарæнæн.
«Ауадздзыстæм сæрибар, рухсдзыд æмæ демокративон æвзæрстытæ. Æз ысхъæлæс кодтон Гуырдзыстоны размæцыдæн, хъæлæс раттон гуырдзиаг традицитæн æмæ нæ европаг æвзарæнæн, рæзынады уыцы фæндагæн, кæцы нырма ноджы сæдæ азы размæ сæвзæрста фыццаг Республикæ» – загъта Мамука Бахтадзе журналисттæн.
Гуырдызстоны уагъд цæуынц президентон æвзæрстытæ.