Гуырдзыстоны президентон æвзæрстытæ цæуынц
Гуырдзыстоны президентон æвзæрстытæ цæуынц

Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ радонæй цыппæрæм президенты æхсæз азæй æвзарынц. Æвзæрстытæ 73 æвзарæнон районы цæуынц арæзт. ЦÆК-ы информацийæ, бæстæйы масштабæй  3 637 æмæ цухгонд цауты арæзт 11 æвзарæнон сых у гом. Фæсарæны гом сыхты нымæц та 57 у. Æвзарджыты иумæйаг номхыгъды 3 504 082 æвзарæг ис фиксиргонд. Фæсарæны регистриргонд сты 14 795 æвзарæг, æнæхъæнæй – 3 518 877 æвзарæгы. Президентон  æвзæрстыты 25 кандидат исы хайад – 19 политикон субъектæй, æхсæз инициативон къорды. Æнæкæсгæ уымæ æмæ дыууæ кандидат, Акакий Асатиани æмæ Вахтанг Габуния сæрмагонд кандидатуратæ систой, сæ æскъуыддзаг æвзарæнон кодексы фыст æмгъуыдмæ гæсгæ байрæджы ис æмæ æвзарæнон бюлетены 25 кандидаты ном ис фыст.

  1. Михаил Антадзе «Змæлд хицауады адæмæн»
  2. Давид Бакрадзе – «Европон Гуырдзыстон»
  3. Вахтанг Габуния – «Христиан-демократты змæлд»
  4. Григол Вашадзе «Иугонд националон змæлд»
  5. Шалва Нателашвили «Гуырдзыстоны лейбористон парти»
  6. Звиад Мехатишвили «Гуырдзыстоны христиан-консервативон парти»
  7. Григол Лелуашвили «Парти Гуырдзыстон»
  8. Акакий Асатиани «Гуырдзийаг традиционалистты цæдис»
  9. Каха Кукава «Сæрибар Гуырдзыстон»
  10. Отар Меунаргия «Амалиуæг фервæзын кæндзæн Гуырдзыстоны»
  11. Ираклий Горгадзе «Змæлд сæрибар Гуырдзыстонæн»
  12. Давид Усупашвили «Сæрибар демократтæ»
  13. Звиад Багъдавадзе « Гражданон платформæ – ног Гуырдзыстон»
  14. Михаил Салуашвили «Рæстады сногы цæдис нацийы
  15. Звиад Иашвили «Националон демократион парттии»
  16. Тамар Цхорагаули «Сæрибардзинад – Звиад Гамсахурдиайы фæндаг»
  17. Гела Хуцишвили «Гуырдзыстоны ветеранты æмæ патриотты змæлд»
  18. Зураб Джапаридзе « Гирчи»
  19. Леван Чхеидзе «Ног христиан демокарттæ»
  20. Саломе Зурабишвили – хæдбар кандидат
  21. Бесарион Тедиашвили – хæдбар кандидат
  22. Гиоргий Андриадзе – хæдбар кандидат
  23. Кахабер Чъичъинадзе – хæдбар кандидат
  24. Владимир Ноникашвили –хæдбар кандидат

Президентон кандидатæн фæуæлахизæн хъæлæсты 50 процент æмæ иу хъæлæс у æнæмæнг.