Молдовæйы  абон  президентон  æвзæрстыты  дыккаг тур  цæуы
Молдовæйы абон президентон æвзæрстыты дыккаг тур цæуы

Молдовæйы  абон  президенттæмæ  æвзæрстыты  дыккаг тур  цæуы. Бæстæйы   фыццаг уæнгы   бынат бацахсынæн тох кæнынц  дыууæ кандидат –  архайæг  президент Игор Додон æмæ  экс-премьер-минстр  Майя Санду.

Санду  æвзæрстыты  фыцаг туры  райста  æвзæрстгæнджыты  хъæслæсты 36,16 %. Архайæг президент  Игор Додон та – 32, 61%.

Бæстæйы масштабæй  2000  æвзарæнон фадыг, сæумæрайсомы  07:00  сахатыл   байгом ис. Пандемийы  тыххæй,  æвзарæнон фадгуытæм бацæуæг  адæймæгтæн   байуæрстой  маскæтæ,   афтæма æнæмæнгхъæугæ у  цæмæй  фадыгмæ æвзæрстгæнджытæ  сæрмагонд  фыссынимæ бацæуой.

Молдовæйы  президентон æвзæрстытæм сæ  цæст дарынц  2000 бынæттон æмæ 300  æхсæнадæмон цæстдарæг.