Мамука Бахтадзе - Æнæмæнгхъæугæ у, Гуырдзыстоны баххæссæм инклюзивон рæзынадмæ, кæцы гæнæн ис æрмæстдæр регионты æмбæрц райтынгы руаджы
Фидар регионтæй фидар уыдзæн Гуырдзыстон дæр æмæ уымæ æмбæлгæйæ, регионалон рæзынад, нæ хицауадæн у сегасæй ахсджиаг дæр приоритет- уый тыххæй, Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта, регионты сæххæсткæнинаг проектты æмæ Уæлхох регионты фондты, ахуырады инфраструктурæйы æмæ хъæууæн æххуысы программæты фæлгæтты финансгонд проектты сæххæсты æхсæз мæйы хыгъдлæвæрды презентацийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, 2019 азы 20 процентæй райрæзтис инфраструктурон проектты финансдзинад, кæцы сеппæтæй бæрзонд цифрæ у инфраструктурæйы рæзынадæн хæдбар Гуырдзыстоны историйы дæргъы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивд æрцыд регионон фæткдæттыны структурæ, æндæр æмæ æндæр процедурæтæ æмæ ис æмбæлон фæстиуджытæ дæр.
«Инфраструктурæйы æмæ регионалон рæзынады министрадæн раттам 20 процентæй фылдæр æмæ уый æхсæз мæйы бæрæггæнæнтæй, 100 процентæй æххæст кæны йæ рард. Инфраструктурæйы министрад бахъом ис æмæ 200 милуан ларийæ фылдæр инвестици сæххæст кодта нæ инфраструктурæйы.
Регионалон рæзынад у ахсджиаг ардæмад махæн. Æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй Гуырдзыстоны баххæссæм инклюзивон рæзынадмæ. Уый саразын та, æрмæстдæр нæ регионты æмбæрц райтынгы руаджы у нæ бон. Националон нысаниуæгы проекттæй дарддæр, нырма нæ регионты у саразинаг ахæм типы проекттæ, кæцытæ сеппæтæй ахсджиагдæр сты не æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрынц Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр рæтты», – райхъусын кодта премьер.
Презентаци «Регионты райтынг -2019» цæуы фысымуат «Стамбайы». Уым сты æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауады, æнæхицауадон организациты æмæ медийы минæвæрттæ.