Тбилисы  паддзахадон университеты  ацыд  ирон аргъæутты  æмбырдгонды презентаци
Тбилисы паддзахадон университеты ацыд ирон аргъæутты æмбырдгонды презентаци

Иванэ Джавахишвилийы  номыл Тбилисы  паддзахадон университеты  ацыд,  ирон  аргъæутты  æмбырдгонды   презентаци.  Гуырдзиаг  æмæ ирон æвзæгтыл  чиныгмæ   бацыд  30  ирон  аргъау.  Ирон  аргъæутты  иллюстрацитыл  бакуыстой   гуырдзиаг æмæ ирон   нырыккон нывгæнджытæ,  афтæдæр   æвзонг немыцаг  нывгенег  Нина Зигер.

Чиныг   мыхуыры  уагъд æрцыд   Иванэ Джавахишвилийы  номыл Тбилисы  паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон  зонадон иртасаг  центры   инициативæйæ,   кæцыйы  къухдариуæггæнæг  у  филологийы  доктор, профессор Беппиты Наира.

«Зæгъæн ис традицийæ  скодтам уый,  цæмæй  ирон таурæгътæ, фæнды  Нартты  эпос, кæнæ адæмон таурæгътæ,  афтæдæр   ирон аргъæуттæ,   дыууæ  æвзагыл  рауагътаиккам мыхуыры.   Ацы  хъуыддаджы нын  тынг  баххуыс  кодта  ахуырады, зонæдты, културæ æмæ   спорты министрад. Афтæдæр  нын ис  æхсæнадæмон партнертæ – Евроцæдис æмæ   ИНО.  Æнæхъæнæй  ацы  процесс  схуыдтам диалогæй   культурæйы æмæ   ахуырады  æвзагыл.  Мæнмæ гæсгæ,  сегасæй  эффективон  абон у  растдæр диалог   гуырдзиаг æмæ ироны æхсæн   æмæ уæлдайдæр, кæд фольклоры  хæзнайы æвзагыл  ныхас кæндзыстæм, уый нын ноджы  фылдæр  пайда ратдзæн уыцы  стыр хъуыддаджы,  кæцыйæн лæггад кæнæм мах»- банысан кодта  Беппиты  Наира.

Тбилисы  паддзахадон   университеты  ректоры, Гиорги Шервашидзейы  дзырдæй,   зæгъгæ гуырдзиаг-ирон  ахастыты  зонадон  иртасаг  центры   куыст, адæмон  дипломатийы сегасæй  хуыздæр дæнц у.

«Тынг нысаниуæгджын   рауагъд у.  Гуырдзиаг-ирон  ахастыты  иртасаг  центры,  æхсæнадæн бирæ   дзæбæх хъуыддаг цæуы арызт. Ацы центр у  растдæр уый,   кæцыйы  кой  арæхдæр хъуамæ кæниккам.  Уый  у  адæмон дипломатий.   Уымæй   ис  пайдакæнынæд уыцы  бастдзинадæй, кæцы  нын уыд æнусты  дæргъы.  Тынг аив рауагъд у  æмæ уырнæг дæн, бирæ  кæсæг  уыдзæн   ацы  аргъæуттæн», -райхъусын кодта Гиорги Шервашидзе.