Мака Бочъоришвили Ртвелийы суазæг кодта Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæн
Мака Бочъоришвили Ртвелийы суазæг кодта Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæн

Фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили винтажыл Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломативон корпусы минæвæрттæн суазæг кодта. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад рапарахат кодта информаци.

Уагдоны куыд нысан кæнынц афтæмæй, мадзалы фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ дипломативон корпус, Гуырдзыстоны алфæмблайы хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Давит Сонгъулашвили æмæ Кахеты регионы паддзахадон минæвар Гиоргий Аладашвилиимæ иумæ истой хайад.

«Дипломаттæ базонгæ сты гуырдзиаг традицитимæ æмæ сæны куыстады нырыккон технологитимæ Къахеты Шато Зегааны уагъд æрцыдысты гуырдзиаг сæны дегустаци æмæ кулинарон мастер-класстæ.Уазджытæ бабæрæг кодтой фабрикæйы территорийыл æрзайæг уникалон сæнæфсиры хуызтæ æмæ традицион винтажæй райстой хайад.

Дипломатон корпусы минæвæрттæн раарфæ кодтой Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Бочъоришвили Мака, алфæмблайы хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Сонгъулашвили Давит æмæ Кахеты регионы паддзахадон минæвар Гиоргий Аладашвили.

Бочъоришвили Мака уазджытæн бузныг расидтис тыллæг æмбырд кæныны хайад райсыны тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы мадзал дæтты фадат Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломативон корпусы уæнгтæн, базонгæ уой Гуырдзыстоны сæны кондады хъæздыг культурæимæ, традицитимæ æмæ æнусон историимæ.

Сæны националон агентады сæрдар, Леван Мехузла, фæсарæйнаг дипломаттæн сæнæфсиры куыст æмæ сæндуæттæ нæ бæстæйæн цы нысаниуæг ис æмæ 2025 азы тыллæджы прогрессы фæдыл информацийæ сифтонг кодта æмæ сæ базонгæ кодта тыллæджы традициимæ» – ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады хъусинаджы.