Мака Бочъоришвили – Гуырдзыстоны суверенон æвзæрст у Евроцæдисы сконды уæвын, ныфс дарæм, цæмæй æввахс рæстæджы нын уыдзæн фадат, уæнгдзинадимæ баст диалогы бацæуæм
Мака Бочъоришвили – Гуырдзыстоны суверенон æвзæрст у Евроцæдисы сконды уæвын, ныфс дарæм, цæмæй æввахс рæстæджы нын уыдзæн фадат, уæнгдзинадимæ баст диалогы бацæуæм

Æз фидарæй уырны, цæмæй Гуырдзыстон хауы стыр европæйаг бинонтæм æмæ афтæ дæр у европæйаг æдасдзинады системæйы хай. Ныфс нæ ис, цæмæй æввахс рæстæджы нын уыдзæн фадат бацархайын гом диалогы, кæцы баст у баиу кæныны процессимæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Австрийы æддаг хъуыддæгты министр Беате Мейнль-Рейзингеримæ иумæ арæзт пресс-конференцийыл расидтис.

Бочъоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, æнæ диалогæй æмкуысткæнынад адарддæр кæнын тынг зын у.

«Афтæ дæр Гуырдзыстоны суверенон æвзæрст у Евроцæдисы уæнг суæвын. Ацы æвзæрст уыд Гуырдзыстоны хицауады курдиатæн 2022 азы Евроцæдисы уæнгдзинады тыххæй. Ныфс нæ ис, цæмæй æввахс фидæны нын уыдзæн фадат бацæуын гом диалогмæ, кæцы баст у баиу кæныны процессимæ, кæцы æнæмæнгхъæугæ у куыд Евроцæдисы рауæрæхæн, афтæ дæр Гуырдзыстоны Евроцæдисы бацыдæн, æнæ æмкуысткæнынад тынг вазыгджын у. фидарæй уырны, цæмæй Гуырдзыстон хауы стыр европæйаг бинонтæм æмæ афтæдæр у европæйаг æдасдзинады системæйы хай», – банысан кодта Бочоришвили.

Уымæй дарддæр ма, Мака Бочъоришвили бузныг расидтис Австрийы æттаг хъуыдтæгты министрæн, æндæр æмæ æндæр фарстаты фæдыл йæ хъуыдытæ кæй раргом кодта, уый тыххæй.

«Æнæмæнгхъæугæ у ссарын ахæм æскъуыддзæгтæ æмæ фæндæгтæ, кæцытæ сифтонг кæндзысты фидар сабырад куыд нæ регионы, афтæ дæр европæйаг фæзуаты, кæцы фидæны размæцыды æнæмæнг уæлæмхасæн у.Мах стæм Венæйы, цы ран бирæ æхсæнадæмон организациты штаб-квартирæтæ сты.Ноджы иу хатт бахахх кæнын: тынг нысаниуæгджын у, цæмæй не ‘ппæт дæр аргъ кæнæм æхсæнадæмон барады принциптæн æмæ нормæтæн æмæ уыдонмæ гæсгæ, конфликты æрбæстон кæныны фæндæгтæ нæ алыварс», – банысан кодта Бочъоришвили Мака.