Мака Бочъоришвили фембæлд Словакийы Республикæйы минæвар, Матус Бушовскийимæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Гуырдзыстоны Словакийы республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Матус Бушовскиимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фарсытæ дыууæ бæстæйы æнгом æмкуыстдзинадыл æмæ дыууæфарсон боны фæткы уæвæг актуалон фарстатыл фæныхас кодтой.
Уымæй дарддæр ма, фембæлдыл ныхас цыд гуырдзиаг-словакаг æмахастыты динамикæйыл, се æхсæн бæрзонд æмвæзады визитты æмæ политикон диалогы нысаниуæгыл.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, ныхас баххæссыд секторалон æмгуыстад æмæ базарадон-экономикон ахастыты æнтыстытæм.
Уымæй дарддæр ма акцент уыд Гуырдзыстоны европæйаг интеграцийыл. Словакийы фарс ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн йæ æнæфæцудгæ фарсылхæцындзинад æмæ банысан кодта, цæмæй ацы æрдгæй дарддæр дæр æххуыс кæндзæн Гуырдзыстонæн.