Майя Санду – Саломэ Зурабишвилиимæ телефонон дзырды рæстæджы раарфæ кодтон уымæн æмæ гуырдзиаг адæмæн абоны нысаниуæгджын этап сæ бæстæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл
Саломэ Зурабишвилиимæ телефонæй дзырды рæстæджы йын раарфæ кодтон уымæн æмæ гуырдзиаг адæмæн абоны нысаниуæгджын этап сæ бæстæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл – уый фæдыл Молдовæйы президент Майя Санду социалон хызаджы фыссы.
«Президент Зурабишвилиимæ телефонон дзрды рæстæджы раарфæ кодтон уымæн æмæ гуырдзиаг адæмæн абоны нысаниуæгджын этапы фæдыл сæ бæстæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл. Мах ноджы иу хатт рафæлхтт кодтам нæ иумæйаг бакаст сабырадон æмæ дидиæнфтыд фидæны фæдыл, куыд Евроцæдисы бинонты хай» – фыссы Майя Санду социалон хызаг «Х»-ы.
Еврокомисси рекмоендацийæ баздæхт Европаг Советмæ, Гуырдзыстонæн Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус алæвæрды фæдыл.