Ираклий Къобахидзе  пысылмон дины фæндтæ Рамадан Байрамы фæдыл раарфæ кодта
Ираклий Къобахидзе пысылмон дины фæндтæ Рамадан Байрамы фæдыл раарфæ кодта

Гуырдызстоны премьер-министр  Ираклий Кобахидзе   Тбилисы Джума  Мæзджыты   пысылмон дины фæндотæн  Рамадан Байрамы фæдыл раарфæ кодта.

Премьер мæзджыты   æрымбырдуæвæг  дзыллæмæ  дзырдæй раздæхт  æмæ банысан кодта, ц æмæй   пысылмон дзыллæ  гуырдзиаг  диллæйæ æнæраскуынгæ хай æмæ сæрмагондæй «Хъал стæм  бирææнусон  историон  ахастытæй, æфсымæрдзинадæй, кæцы ис   гуырдзиаг чырыстæтты æмæ Гуырдзыстоны  цæрæг  пысылмонты  æхсæн.   Уæ уникалон  культурæ у нæ бæстæйы  культурæйы æнæраскъуынгæ хай.

Æнусты дæргъы  иумæ фæллой кодтам, иумæ тох кодтам нæ  иумæйга фыдыбæстæйы   фарнæн, йæ  размæцыды æмæ   райрæстæн.   Уый у  ахæм ахастытæ, æфсымæрдзинад, кæцыйы  тынг  ауæрдæм æмæ фидæны  дæр ауæрддзыстæм.  Фæнды мæ ноджы иу хатт  уын раарфæ кæнон   абоны  боны фæдыл.  Æхсызгон мын у  абоны бон сымахимæ иумæ  уæвын.   Фæнды  мæ  раарфæ уын кæнон   фарн, амондджындзинад  сымахæн æмæ уæ бинонтæн.   Арфæ  уын кæнын  мæ  уын стыр бузныг», –  банысан кодта премьер.

Иумæйаон  уæззау  комдарæны фæстæ, гуырдзиаг пысылмонтæ  Рамадан Байрамы  абон  банысан кæнынц.

Пысылмонты  уагдоны  удон   лидер   премьер-министрæн  бæрæгбоны фæдыл раарфæ кæныны   тыххæй  бузныг загхта æмæ пысылмонты   уагдоны  номæй  йын  зæрдылдарæн лæвар адæтта.

Тбилисы Джума Мæзджыты  уыдысты  афтæдæр дипломатон   корпусы  минæвæрттæ.

Информаци публикаци кæны  Гуырдзыстоны хицауады  администрацийы пресс-куыст.