Азербайджаны премьер-министр, Али Асадов Ираклий Къобахидзейæн «Гуырдзиаг бæллиццы» парламентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл раарфæ кодта
Азербайджаны премьер-министр Али Асадов Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейæн «Гуырдзиаг бæллиццы» парламентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл раарфæ кодта.
Уый фæдыл информаци Азербайджаны премьер-министры администраци парахат кодта.
Азербайджаны премьер-министры администрацийы информацимæ гæсгæ, Али Асадов ацы уæлахиздзинадæн саргъ кодта, куыд ноджы иу бæлвырдгæнæн хæларадон гуырдзиаг адæмы фарсылхæцындзинад бæстæйы уæвæг политикон курсæн.
«Фыстæджы æвдыст цæуы уырнындзинад, цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ лæггад кæндзысты Гуырдзыстоны прогрессæн æмæ дарддæры дидинæфтыдæн, афтæ дæр ахъаз кæндзысты Азербайджан-Гуырдзыстоны стратегион партнерон ахастыты комплексон рæзтæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц хæлардзинады æнусон традицитыл æмæ хорз сыхагдзинад дыууæ адæмы æхсæн», – банысангонд у Азербайджаны премьер-министры администрацийы парахатгонд информацийы. .