«Магтиком» коронавирусы ныхмæ тохы  нысанæн, Гуырдзыстоны хицауадон  фондмæ 3 милуан ларийы бахæсдзæн
«Магтиком» коронавирусы ныхмæ тохы нысанæн, Гуырдзыстоны хицауадон фондмæ 3 милуан ларийы бахæсдзæн

Компани «Магтикомы»  минæвары Николоз Давиташвилийы  куырдиатæй,  сырæзт уавæры зæгъгæ, иттæг нысаниуæгджын у, хицауад æмæ бизнес æмкуыст куыд кæной,  уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ растдæр уый тыххæй  «Магтикомы»  бындурæвæрджыты  уынаффæйæ,   «Магтиком» коронавирусы  ныхмæ   тохы нысанæн, Гуырдзыстоны  хицауадон фондмæ,  3 милуан ларийы  арвитдзæн.

«Ацы периоды   иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй  хицауад æмæ  бизнес æмкуыст кæной  æмæ куыст ма  фæлæууа.  «Магтикомы»  бындурæвæрджыты  æмæ   æнæхъæн балы  скуыддзагæй,  3 милуан лари  бахæсдзыстæм  фондмæ, цæмæй  иумæ  стох кæнæм  коронавирусы  æмæ абон уæвæг уавæры  ныхмæ», –   райхъусын кодта «Магтикомы» минæвар.