Каха Бекаури – Фæбæрæг æмæ сбæлвырд ис уый, ома «Магтиком» æмæ «джеоселлы» æрдгæй цыдис демпингон лæккад
Каха Бекаури – Фæбæрæг æмæ сбæлвырд ис уый, ома «Магтиком» æмæ «джеоселлы» æрдгæй цыдис демпингон лæккад

Коммуникациты националон  камисы сæрдары аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,   «Магтиком»  æмæ  «Джеоселл»  закъонхалджытæ сты.

Каха Бекаури  камисы  иртасæныл  аразы  комментарий.  Фæлæ  æмбæлон   скуыддзагы   регулиргæнæг  орган райсдзæн 15 марты.

«Развæлгъау  бацахуырæй, фæбæрæг æмæ сбæлвырд ис уый,  цæмæй консолидацигонд   тендерты  фæлгæтты  ацы  дыууæ операторы  æрдгæй  демпингон лæккад цыдис æххæст, кæцы гуырдзиаг  закъондæттынадмæ гæсгæйæ,  цæуы æфхæрд.  Закъон  иуæй-иу  пайдагæнæгон къордæн лæккад, демпингон тарифтæй тобæ кæны» –  загъта Бекаури.

Камисы  сæрдармæ ныфс ис, цæмæй   æппæтыфæстагмæ  базарыл  æрфидар уыдзысты  рæстаг тарфитæ.

«Нæ нысан у,  цæмæй  базарыл,  æнæниз конкуренци  æрфидар кæнæм æмæ  иуæй-иу   пайдагæнæгыл  ма уа демпингон тариф.  Базарыл  хъуамæ архайа  конкурентхъом æмæ  рæстаг  тарифтæ» – банысан кодта Бекаури.

Коммуникациты националон   камис тарифты  бацахуыр  æндæр æрдæм дæр  дарддæр кæны.

Дзырдæуы  дæнцæн  «Магтикомы», «Джеоселлы»  æмæ «Билайны»  корпоративон клиенттыл.

Фæтсасты фыццаг цауыл  компанитæ райсдзысты рагфæдзæхст. Фæлхатгæ цауы та  зæрдылдард у ивар –  æфтиагы 0.5 проценты бæрцæй.

Уагъд бацахуыры фæстиуæгæн фæбæрæг ис, цæмæй  консолидацигонд  тендеры  лæккады  фæлгæтты  2017 азы  «Магтикомы»-  цауы зианы бæрц уыдис   32 204 577 лари, æрмæ т «Джеоселы» цауы та  – 7 781 581  ларийы.   Фæнысангонд зианы   компанитæ  баланс кодто æндæр æфтиæгтæй.

Консолидацигонд  тендеры фæлгæтты, «Магтиком» æмæ «Джеоселл»  паддзахадон уагдæтты æмæ  æндæр организациты  200 минæй фылдæр абонентæн лæккад кодтой.