М-4 типы автоматон æсхæнгархы аразыны фæдыл хъахъхъæнынады министрады æмæ израилаг  компанийы æхсæн бадзырд бафыстæуыд
М-4 типы автоматон æсхæнгархы аразыны фæдыл хъахъхъæнынады министрады æмæ израилаг компанийы æхсæн бадзырд бафыстæуыд

М-4  типы  автоматон  æхсæнгарзы  аразыны  нысанæн,  ног гуырдзаиг-израилаг  кондад   афæдзы кæронмæ   скусдзæн.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй,   æмгуыстады  фæдыл  бадзырд Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе æмæ  израилаг   компанийы  минæвæрттæ  абон бафыстой. «Дельтайы» патронажæй   нырыккон техникæйæ  ифтонгггонд    кондады  М-4 типы  автоматон  æхсæнгарзы  æххæст технологион процесс ацæудзæн.

Хъахъхъæнынады  уагдоны  хъусинагæй,  фидæнмæ  касмтæуы  кондады функцион миниуджытæ  райрæзын кæнын æмæ æндæр  æхсæнгарзы   æмæ   аксесуарты  арызт дæр.  Афтæма  кондады  гæнæн уыдзæн   æндæр æмæ æндæр типы  æхсæнгарзы  модернизацийыл кусын. Проектмæ гæсгæйæ,   кондады   арызт  æхсæнгарз лæвæрд уыдзæн хъахъхъæнынады  тыхтæм. Афтæма  плангонд у  продукцийы  экспортмæ  рауадзын дæр.