Львовæй Польшæмæ абон ноджы Гуырдзыстоны 50 æмбæстагы эвакуаци сыххæст
Украинайы горæт Львовæй Польшæмæ абон Гуырдзыстоны ноджы 50 æмбæстагы эвакуаци сыххæст. Уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы исæг къорд Львовæй.
Фæнысангонд æмбсæтгтæй 20 Львовмæ ныццыдысты Мариуполæй, цы ран сæрмагондæй уæззау уавæр ис. Уыдон дзурынц, цæмæй 20 боны дæргъы уыдысты иттæг уæззау уавæрты æмæ фæстагмæ, уым лæууын æдас нал уыдис, цæй тыххæй дæр фыстæгæй 20 километры бæрц рацыдысты, цæмæй Львовмæ æрцыдаиккой.
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ абон араст уыдзысты Польшæйы арæнмæ, кæцæй дæр Гуырдзыстонмæ рацæудзысты.