Æхсæвы Львовыл Уæрæсейы ракетон хафты фæстиуæгæн, иууыл цъус, æртæ адæймаг амард
Уæрæсейы ракетон бырсты фæстиуæгæн Украинæйы горæт Львовы, сæйраг автостанцæмæ хæстæг уæвæг цæрæн корпусты сыгъд фæзындис. Амард иууыл цъус æртæ адæймаг, сæ нымæцы æнахъом сывæллон, цæф сты 35 адæймаг, кæцытæй фондз сты сывæллæттæ.
Афтæма зиангонд у 50-й1 фылдæр хæдзар, дыууæ скъола æмæ медицинон уагдон.
Уыимæ Уæрæсме ракетон хафт ракодта Днепропетровскы регионы горæт Кривой Рогыл. Цæф сты фондз адæймаг. Базиан сты цалдæр бирæуæладзыгон цæрæн корпусы æмæ фысымуат.