Лос-Анджелесы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æмæ демонстрантты æхсæн быцæудзинад æрцыд, протестгæнджыты ныхмæ спайда кодтой цывзы тымбылæгтæй, цывзы спреййæ æмæ цæссыгкалæн газæй
Лос-Анджелесы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æмæ демонстрантты æхсæн быцæудзинад æрцыд, протестгæнджыты ныхмæ спайда кодтой цывзы тымбылæгтæй, цывзы спреййæ æмæ цæссыгкалæн газæй

Лос-Анджелесы барадхъахъæнджыты æмæ протестгæнджыты æхсæн быцæудзинад сырæзт. Протестгæнджыты ныхмæ спайда кодтой цывзы тымбылæгтæй, цывзы спреййæ æмæ цæссыгкалæн газæй.

«Сиенна» куыд фыссы афтæмæй, быцæудзинад дæр сырæзт националон гвардийы уæнгты æмæ протестгæнджыты æхсæн. Националон гвардийы уæнгтæ афтæ дæр лæдзгуытæй спайда кодтой протестгæнджыты ныхмæ. Ныридæгæн нæй хъусынгæнинæгтæ цæфты æмæ ахстыты тыххæй.

Протестгæнджытæ хъæр кодтой: «Дональд Трамп, мигранттæ ам æхсызгон сты».

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дональд Трампы бардзырдмæ гæсгæ, 8-æм июны Лос-Анджелесмæ æрвыст æрцыдысты националон гвардийы 2000 уæнг. Змæстытæ расайдтой иммиграцион службæйы æнæдокументон мигрантты ныхмæ рейдтæй. Быцæудзинад горæт Лос-Анджелесы, афтæ дæр алфæмблай Парамаунт æмæ Комптон микрорайонты сырæзт. Протестгæнджытæ барадхъахъæнджытæм дуртæ æмæ æндæр дзаумæттæ æхстой. Протестгæнджыты апырх кæнынæн спайда кодтой цæссыгкалæн газ æмæ резинæ хъилтæй. Фæстаг дыууæ боны мидæг 118 адæймаджы æрцахстой. Хъусын кæнынц цæфты тыххæй.

Йæ рады, Калифорнийы губернатор критикæ кодта Трампы администрацийы иммиграцион политикæ.