Парламенты цур протестгæнджыты æмæ барадхъахъæнджыты æхсæн быцæудзинад рæстæгæй-рæстæгмæ цæуы
Парламенты цур протестгæнджыты æмæ барадхъахъæнджыты æхсæн быцæудзинад рæстæгæй-рæстæгмæ цæуы

Парламенты цур ноджы иу ныхмæлæуд æрцыд протестгæнджыты æмæ барадхъахъхъæнджыты æхсæн. Пъæлицæйæгтæ цалдæр адæймагы бынатæй систой, фæлæ ацы рæстæгмæ бæрæг нæу, æрцахстой æви нæ.

Раздæр барадхъахъхъæнджытæ æрсидтысты протестгæнджытæм, цæмæй ссыгъдæг кæной фæндаг, кæцы æркодта ныхмæлæудмæ.

Фæстæдæр парламенты цур чи æрæмбырд, уыдон сарæзтой марш. Райхъуыстысты «цагъар», «цагъар»-ы хъæртæ æмæ маршы рæстæджы æрцыд ноджы иу ныхмæлæуд. Барадхъахъæнджытæ протесты хайадисджытæй иуы патрульон пъæлицæйы машинæйыл сбадын кодтой æмæ йæ бынатæй акодтой.

Парламентимæ æмзæрдæдзинады митинг 12:00 сахатыл райдыдта. Митинггæнджытæ знон митингыл дыууæ адæймагы æрцахсты фæдыл протест кæнынц. Уыдон загътой, цæмæй ахстгондтæ барадхъахъæнджытæн Куадзæны арфæтæ арфæ кодтой, кæцы, протесты хайадисджыты ныхасмæ гæсгæ, уыд сæ ахсты аххосаг.

Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, фæнысангонд дыууæ гоймаг административонæй ахст æрцыдысты барадхъахъæнджыты коммæ нæ кæсгæйæ.