Ливаны цæрæг милуан æмæ рдæг сирийаг лигъдæттæй, 3 500 фыдыбæстæмæ æрыздæхдзысты, æввахсдæр фидæны. Уый фæдыл Ливаны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Ола Ботрос райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдрасидт «Исламы Паддзахады» састы фæстæ, лигъдæтты хай, фыдыбæстæмæ æрыздæхыны фæндон равдыстой.
Уымæй уæлдай ма, ливаны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг ИНО-йы лигъдæтты советы лигъдæтты Сиримæ æрыздахыны процессы куылымпыдзинады фæзылын кодта.
«Сирийы бæрæг хайы абон дзæвгар стабилон уавæр ис, уымæ æмбæлгæйæ дæр, лигъæдтты хайы фæнды сæрмагонд бæстæмæ æрыздæхын. Фæлæ ИНО-йы лигъæдтты совет архайы, уыдоны бауырынын кæна, цæмæй сын Ливаны баззайын бирæ æдасдæр уыдзæн уыдонæн» – райхъусын кодта Ботрос.