Линкольн Митчелл - Тынг мæм дис фæкæсдзæн  кæд  компромиссы бæсты  НАТО-йы  уæнгсуæвыныл разыдзинады  идеяйæн  уыдзæн фарсмæлæуд  Тбилисы
Линкольн Митчелл - Тынг мæм дис фæкæсдзæн кæд компромиссы бæсты НАТО-йы уæнгсуæвыныл разыдзинады идеяйæн уыдзæн фарсмæлæуд Тбилисы

«Дис мæм кæсдзæн  кæд ацы идеяйæн  уыдзæн фарсмæлæууд Тбилисы æрдгæй» –   ахæм дзуапп дæтты   евразийы  демокративон  æдадзсинады хызаджы уæнг, америкаг  эксперт Ликольн  Митчел  Heritage Foundation-ы публикацийæн,  кæцымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстоны официалон уæнгтæ   сæрмагонд  ныхæсты  хъусын кæнынц, цæмæй  райгонд уыдзысты  НАТО-йы уæнгсуæвыныл сразы уой компромиссы бындурыл .

Евразийы  демокративон  æдасдзинады  хызаджы  уæнгы, амеркиаг   эксперты  Ликольн Митчелы  фидиуæнæй,   идея уый фæдыл, цæмæй  Гуырдзыстон НАТО-йы уæнг  гæнæн  ис  компромиссы  бындурыл суа,  ног нæу, фæлæ  æгæр æнæпопулярон у зæгъгæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы  Конгрессы,  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн ис  дыууæпартион æнцой,  уымæ æмбæлгæйæ  дæр,  Митчелл  куыд дзуры афтæмæй,  ацы идеяйæн   бирæ фарсхæцæг нæдæр  конгрессы  уыдзæн зæгъгæ.

«Идея уый фæдыл  цæмæй Гуырдзыстон  сæрмагонд территорион æнæхъæндзинады  искæцыхуызæй  баивдзæн  НАТО-йы  уæнгсуæвыны,  дæсой азы  дæргъы  мæ хъустыл уайы  æмæ  тынг цъус миниуæг та уый тыххæй,  цæмæй Гуырдзыстоны нырыккон кæнæ  раздæры  хицауад  интересджын уыдис   ахæм идеяйæ.   Иуы æрдгæй, æз ацы идеяйы  нæ райстаин серьозонæй, иннæрдгæй  та  тынг зын у  уый æмбарын, чи кæйимæ  ныхас кæны Вашингтоны  æддæ политикæйы фæдыл.  Зонут æй  цæмæй  струткрæтæ  афтæ  нал кусынц фæстаг 50 азы дæргъы куыд куыстой, ныр   алцыппæт аивдта,  уый тыххæй  гæнæн ис  æмæ исчи   асыбар-сыбур кæндзæн ацы информацийы Урс Хæдзары.

Уымæй уæлдай,  нæ уынын,   цæмæй ацы идея   популярон  суыдзæн  Конгрессы, цы ран  дыууæ дæр партийы  уæнгтæ  цалдæр азы  дæргъы  фæлхат кæнынц  АИШ-ы позицийы, цæмæй Абхазий æмæ  Ирыстон сты  Гуырдзыстоны хæйттæ.  Тынг мæм дис фæкæсдзæн  кæд ацы идеяимæ сразы уыдзысты Тбилисы» –  банысан кодта Ликольн Митчелл  «Моамбеимæ»   ныхасы рæстæджы.

Америкаг иртасаг  институты  Heritage Foundation-ы æддæ  политикæйы  центры  æрцæттæгонд   публикацийы  банысангонд у,  цæмæй  Гуырдзыстоны  официалон  уæнгтæ, сæрмагонд ныхæсты рæстæджы хъусын кæнынц, ома  райгонд уыдзысты  НАТО-йы  уæнгсуæвынимæ  компромиссы  бындурыл сразы уын.