Линас Линкявичус Александр Лукашенкойы инаугураци фарс æмæ фæлывдæй схуыдта
Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Линас Линкявичус фарс æмæ фæлывдæй схуыдта Александр Лукашенкойы инаугураци.
«Цавæр фарс у, мæнг æвзæрстытæ. Мæнг инаугураци. Белорусы раздæры президентæн, раздæры президентыл нымад кæй цыдис уый æнæивгæ у, æмæ ныр та йæ æнæзаконондзинад у факт, кæцыйæ уыдзæн фæстиуæг» – фыссы Линас Линкявичус.
Белорусы Александлр Лукашенкойы инаугураци Минскы, Хæдбарады галуаны ацыд. 8 августы Белорусы президентон æвзæрстытæ ацыд. Официалон бæрæггæнæнтæй Александр лукашенко фæдфæдыл æхсæзæм хатт фæуæхази ис. Оппозици æвзæрстыты фæстиуджытимæ нæ фидауы, нымадмæ сæ нæ исы æмæ уадзы протестон акцитæ.