Лигъдæтты агентад тыхбын бынативгæ 768 бинонтæн хъæуты хæдзæрттæ балхæндзæн
Лигъдæтты фарстаты бацахуыргæнæг комиссийы уынаффæйæ, тыхыбын бынативгæ 768 бинонтæн, агентад, хъæуты хæдзæрттæ балхæндзæн. Фæнысангонд бинонты номхыгъд , лигъдæтты, экомигрантты æмæ цæрынæн хъæугæ фæрæзтæй ифтонгады агентады веб-фарсыл уыд публикацигонд.
Лигъдон бинонтæ, хæдзæрттæ, Гуырдзыстоны кæцыфæнды регионы, æхсæз мæйы æмгъуыдмæ сæхæдæг сывзардзысты.
Оккупацигонд Территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министры хæдивæг Илиа Гъудушаурийы фидиуæнæй, «Хъæуты хæдзары» проект, æнæхъæн бæстæйы масштабæй, æнтыстджынæй цæуы. 2022-2024 азты, «хъæуты хæдзары» проекты фæлгæтты, тыхыбын бынативгæ 7000-ы онг бинонтæн ратдзысты цæрæн фæзуаттæ.
Инофрмаци хъусын кæны оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрад.