Лиетувæ Уæрæсейы рæстдинон аргъуаны патриарх Кириллæн бæстæмæ бацыд Украинайы Уæрæсейы интервенцийæн фарсхæцыны тыххæй фæтобæ кодта. Уый фæдыл информаци Лиетувæйы æхсæнадон Уацхæссæг хъусын кæны.
Лиетувæйаг медийæн бæстæйы мидхъуыддæгты министрадæй куыд фехъусын кодтой афтæмæй, Лиетувæ Кирилы æнæфæндон гоймæгты номхыгъдмæ нырма 23 юны бахаста, фæлæ уый фæдыл æргом фидиуæн нæ сырæзт.
Лиетувæйы мидхъыддæгты министрады хъусинагæй, Патриарх Кирилл «Сау Номхыгъдмæ» хаст у уый тыххæй, ома уый нымадмæ нæ исы Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет, раст кæны æмæ йæ фарс хæцы Уæрæсейы агрессивон архæйдтытæн, кæцытæ гуырымыхъхъ сæттынц æхсæнадæмон барады нормæтæ æмæ принциптæ.
«Патриарх Кирилл у Путины иууыл хæстæг æмцæдисон, уый Украинайы ныхмæ хæсты иуæй-иу сеппæтæй активон фарсхæцæг у æмæ бирæ хатт æргомæй райхъусын кодта æвæрццаг аргълæвæрд Уæрæсейы агрессийы фæдыл», – дзырдæуы уагдоны фидиуæны.
Мæскуыйы рæстдинон аргъуаны патриархæн Лиетувæмæ бахызт 2027 азы 23 июны онг фæтобæ ис.
Уалдзæджы Лиетувæ Евроцæдисæн банхъарыд Патриарх Кириллы сау номхыгъдмæ бахæссын, фæлæ июны Уæрæсейы ныхмæ санкциты æхсæзæм пакеты сбæлвырды рæстæджы уый номхыгъдæй Венгрийы æркуырдæй систой.