Лиетувæ æмæ Латвимæ Гуырдзыстонæй ныццæугæ бæлццæтты бахъæудзæн изоляцимæ ахизын
Лиетувæ æмæ Латвимæ Гуырдзыстонæй ныццæугæ бæлццæтты бахъæудзæн изоляцимæ ахизын. Ног арæнæвæрдтæ Латвийы сæ тыхмæ бацыдысты 19 сентябрæй, Лиетувæйы та абоæнй скусдзысты.
Дыууæдæр цауы, арæнæвæрдтæ сфидар сты уыцы бæстæтæн, цы ран фæстаг 14 боны дæргъы «Ковид-19»-ы ахæлиуы бæрæггæнæн 100 000 æмбстагыл 25-æй фылдæр у.
Лиетувæйы цауы изоляцийы æмгъуыд у 14 боны, Латвийы та – 10 бон.
Гуырдзыстонæй дарддæрп ма, Лиетувæйы ног регуляцитæм хауынц Швецийæ, Норвегийæ, Болгарийæ, Канадæйæ æмæ Фарреры сакъадахтæй ныццæугæ бæлццæттæ.
Латвийы ног арæнæвæрдтæ, Евроцæдисы æнæуæнг бæстæтæй, Гуырдзыстонæй уæлдай, æххæсынц Канадæ æмæ Тунисмæ, Евроцæдисы уæнгтæй та бирæ бæстæмæ, сæ нымæцы Германимæ, Лиетувæмæ, Польшæмæ, Австри æмæ ма ноджы цалдæр бæстæмæ.