Леван Давиташвили – Батумы наулæууæнмæ санкцион компанийы сæрмагонд уаргъимæ æрбахызт нау, фæлæ таможнæ оргæнтæй йын уаргъ райсыныл нæзагъд ракодтой
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвилийы фидиуæнæй, Батумы наулæууæнмæ санкцион компанийы номыл уаргъимæ едзаг нау рæбален кодта, фæлæ министр куыд дзуры афтæмæй, таможнæйы органтæ уаргъ райстыл не сразы сты.
«Хъыгагæн афтæ иу æрцæуы, æмæ кæцыфæнды фарста, кæцы гæнæн ис æххæсса абон санкцитæм, æнæраст интерпретацийы аххосæй свæййы. Уый цæмæй Батумы порты уæвæг нау, æрбахызт санкцион коммпанийы сæрмгаонд уаргъимæ, факт у. Бацахуыр кодтам документтæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ, таможнæй оргæнтæ исынц уынаффæ стыр бæрнæй. Гуырдзыстоны, санкциты кæнæ фехалыны кæнæ сæ иувæрсты ацыды иунæг факт дæр нæ уыд. Ацы цауы дæр афтæ уыдзæн. Кæйдæрты гæнæн ис фæнда, Гуырдзыстонмæ ахæм продукттæ æрбаласа, сæ мотиваци уæхæдæг сбæрæг кæнут, бафæрсут хицауы, фæлæ Гуырдзыстоны паддзахадон уагдæттæ максималон бæрнæй архайынц.
Абон таможнæ оргæнтæ нæ раттой барлæвæрд ахæм уаргъ райсыныл. Уый тыххæй дæр, таможнæйы барлæвæрд цух, порты цыфæнды тыхджын фæнда, æмæ зонут цæмæй порт у сæрмæмулкы объект, уæзты ласæг дæрæ æмæ уæзты хицау дæр хицæн субъекттæ сты. Уый тыххæй хицæн субъектты фæндонмæ нæкæсгæ, таможнæйы барлæвæрд цух, уаргъ нæ бахаудзæн Гуырдзыстонмæ æмæ нæ ацæудзæн Гуырдзыстоны таможнæй тыгъдады» райхъусын кодта Давиташвили.