Лела Чиковани - НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр ориентиргонд у хæдиргъæфхъомадыл æмæ никæд бонт ы нæу искæцы æндæр бæстæй ныхмæ
Фæнысанкæнинаг у цмæй ацы аз ахуыр у уникалон йæ миниуджытæй. НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты инициативæйы дæлбар фыццагон сплан кæныны фазæйæ сæххæсты фазæйы онг НАТО-ы ахуыртæн къухдариуæг, фысым æмæ разамынд кæны Гуырдзыстон. Уый у НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыры æмæ аргълæвæрды центр – уый фæыдл хъаххъæнынады министры фыццаг хæдивæг Лела Чиковани, «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019»-ы официалон байгомы церемонийыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, прецедент кæмæн нæй ахæм у ахуырты хайадисджыты нымæц – НАТО-йы 24 уæнг æмæ æнæуæнг бæстæты 350-йæ фылдæр минæвар.
«Æнæмæнгæй банысан кæнын хъæуы, цæмæй фæнысагонд амал у Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министрады реформæты æмæ трансформацийы хаххы демонстраци. Йенс Столтенберг, йæ аргълæвæрды Гуырдзыстоны схуыдта критикон партнерæй æмæ хаххгондæй банысан кодта НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты инициативæты фылдæры хайы прогресс æмæ æнтыст. Хъуамæ загъдæуа, цæмæй фæнысангонд ахуыр у концентриргонд æмæ фокусиргонд Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомады фæфидардæр кæнынл æмæ бынтон нæу уагъд иунæг æртыккаг бæстæйы ныхмæ. Ахуыры нысан у НАТО-Гуырдзыстоны кæрæдзиимæ æмбынатидзинады хъæд фæхуыздæр кæнынæн, æмæ ноджы иу хатт фæфидардæр кæндзæн партнерон ахастытæ куыд НАТО-йы уæнгты, афтæ партнер бæстæтимæ. Ахуыр у ноджы иу демонатсраци уыйы, цææмй фылдæр НАТО-Гуырдзыстоны æмæ æмæ Гуырдзыстон та фылдæр бæрцæй НАТО-йы» – райхъусын кодта Лела Чиковани.
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады «армихоллы» абон «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019» официалонæй байгом ис. Ахуыры байгом кодтой Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Лела Чиковани æмæ НАТО-йы иугонд тыхты ахуыргæнæн центры (JFTC) сæрдары хæдивæг, бригадæйы инæлар Ладислав Юнг.
«НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019» сæргълæууæгон-штабон ахуыр у, кæцы 18-29 марты, «ахуыры æмæ аргълæвæрды центры (JFTC) ацæудзæн æмæ уым хайад райсдзæн 343 æфсæддон æмæ гражданон гоймаг.