«Лейбористон Партийы» офисы, æндæр æмæ æндæр оппозицион партиты лидерты фембæлд цæуы.
Фембæлды хайадисджытæ, фидæны плæнттыл фæуынаффæ кæндзысты æмæ хицаугæнæг балимæ зноны консультациты фæдыл информацимæ байхъусдзысты.
«Иууон Гуырдзыстон –Демокративон Змæлды» лидеры Нино Бурджанадзейы фидиуæнæй, зæгхгæ æвзарæнон системæйы а.х. немыцаг модел Гуырдзыстоны архайæг конституцимæ æмбæлон у. Фæлæ Бурджанадзейы дзырдæй, уымæ æнæкæсгæ, сæйраг принцип зæрдыл даргæйæ, цæттæ сты, закъонопроектмæ гæсгæ Венецийы камисы рекомендацитæ æркæсын.
«Ардæм æрбацыдыстæм, цæмæй зноны фембæлды фæдыл информаци базонын кæнæм фынгы уæнгтæн, оппозицийы æндæр лидертæн. Иунысанонæй немыцаг модел конституцион у. Æнæкæсгæ уымæ, равдыстам цæттæдзинад, цæмæй Венецийы камисæн кæнæ одирæн кæд уыдзæн уæлæмхас хъуыдытæ ацы закъонопроекты фæхуыздæрмæ гæсгæ, цæй зæгъын æй хъæуы афтæ æмæ ма фæива сæйраг принцип, цæттæ стæм æркæсæм фæнысангонд æнхъарæн. Пропорцион, сæйраг принцип, цæй зæгъын æй хъæуы нæ фæхатыр кæндзыстæм» – райхъусын кодта Нино Бурджанадзе.