Нино Бурджанадзе - Мах фыццаджы дæр хъуамæ ныхас  кæнæм ирæттимæ  æмæ абхазæгтимæ, уырыссæгтæ никуы  загътой  цæмæй сæ диалог нæ фæнды
Нино Бурджанадзе - Мах фыццаджы дæр хъуамæ ныхас кæнæм ирæттимæ æмæ абхазæгтимæ, уырыссæгтæ никуы загътой цæмæй сæ диалог нæ фæнды

2008 азы августы хæст  уыд трагедий, æнæ æрмæст  адæймагон, фæлæ  ма  тынг стыр  паддзахадорн трагеди, кæцы  бæстæйæн æрхаста  катастрофон фæтсиуджытæ –  уый фæдыл  райхъусын кодта «Демокративон Змæлд –Иууон Гуырдзыстоны» лидер Нино Бурджанадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  тынг зын у уый бамбарын,  цæмæй  10 азы рацыд  трагедийæ, кæцы æрцыд Гуырдзыстоны  2008 азы.

«Ацы хæстæн аргъ  у  иунысанон – ай  уыдис  стыр трагедий  æнæ æрмæст адæймагон,  фæлæ ма   тынг  стыр   паддзахадон  трагедий, кæцы бæстæйæн æрхаста   катастрофон  фæстиуджытæ,  фæлæ сегасæй  хъыгаг уый  у æмæ  110 азы  сæрыл дæр,   мах алчи  хъуамæ хъуыды кæнæм, цæмæй  не стæм раст уыцы  фæмардуæвæг æвзонгты æмæ сæ  бинонты  разы» –  загъта Нино Бурджанадзе.

Йæ аргълæвæрдæй, хуыдиаггаг у уый  цæмæй 10 азы  дæргъы  хицауадтæ  нæ  бахъом сты  иунæг  къахдзæф саразын  ацы уæззау проблемæйы   аскуыддзагы  æрдæм,  цæй тыххæй  дæр  уыцы  æвзонгтæ  фæмардысты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаджы дæр дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаиккой  уыцы  адæймæгтæ,   чидæриддæр   сты  фæнысангонд хæсты зылынджынтæ,  афтæдæр бæстæйы  размæцыдæн  æууондон  къахдзæфтæ  хъуамæ  сразытаиккой.

«Фыццаджы дæр  нæ  хъæуы  æууондон къахдзæфтæ саразын, комкоммæ диалог райдаын  ирæттимæ æмæ абхазæгтимæ,  уымæн æмæ   æнæ уый гæнæн нæ уыдзæн   исты къахдзæф  саразын размæ  æмæ   ай  уыд æфсымæрты æхсæн кæрæдзимарæг  хæст,  уый мах алчи дзæбæх æмбарæм.  Афтæдæр хъуамæ  райдыдтаит  серьозон  æмæ æххæстмасштабон  бадзырдтæ  Уæрæсеимæ,   цæмæй  абон  ма  уæм  уыцы реалондзинады,  æмæ  телтæй  æмбондтæ  уа  нæ  бæстæйы территорийыл» – райхъусын кодта Нино Бурджанадзе.

Уый куыд банысан кодта афтæмæй,   уырыссæгтæ никуы  загътой, цæмæй  сæ диалог нæ  фæнды зæгъгæ.

«Мах фыццаджы дæр хъуамæ ныхас  кæнæм ирæттимæ  æмæ абхазæгтимæ,   уырыссæгтæ никуы  загътой  цæмæй сæ диалог нæ фæнды.  Уымæй  уæлдай ма  уый дæр дзырттой, цæмæй  цæттæ  уыдысты  диалогмæ кæцыфæнды темæйыл  æмæ  нæ  уыд  æхкæд  темæтæ  уырыссаг-гуырдзиаг  ахастыты,  уый  загъдæуыд мемæ  фембæлды рæстæджы.  Уæды  премьер-министры, Владимир Путины  æрдгæй,   афтæдæр  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министры æрдгæй,   фæлæ  ацы диалогмæ рахизын ничи сфæнд кодта махæй. Нæ дзуапп уыд ахæм,  нырма нæ  хæлæртты бафæрсдзыстæм,   уемæ  æрныхас кæнæм æви нæ  æмæ   стæй  уыдзæн бæрæг  зæгъгæ» –  райхъусын кодта Нино Бурджанадзе.