Нино Бурджанадзе – Диссаг нæу  Майк Помпео оппозициимæ куы не фембæлдзæн уый, диссаг уыдзæн кæд ахæм фембæлд снысан уыдзæн
Нино Бурджанадзе – Диссаг нæу Майк Помпео оппозициимæ куы не фембæлдзæн уый, диссаг уыдзæн кæд ахæм фембæлд снысан уыдзæн

Нино Бурджанадзе   арфæгæнæг  у  Гуырдзыстонмæ  АИШ-ы паддзахадон нымæрдар   Майк Помпеойы  визитæн. «Иугонд Гуырдзыстоны»   лидер  хъусын кæны, цæмæй   уый зæгъгæ хицауад  хъуамæ  уа  серьозон сигнал, ома ныгуылæны дунейы  уæвæг  зындзинæдтæм нæкæсгæ  нæ  рох кæны  Гуырдзыстон.

Нино Бурджанадзейы   фидиуæнæй,  зæгъгæ дис нæ  кæны Майк Помпео  оппозициимæ  кæй не  мбæлы  уымæй.

«Тынг  дис мæм фæкæсдзæн оппозициимæ фембæлд куы снысан уа уый, уымæн æмæ ахæм   уавæры,   хицауад æмæ оппозицийы  æхсæн кризис  куы   ис, ахæм рангы   адæймагимæ  фембæлд развæлгъхау бацæттæ кæнын хъæуы,   хъуамæ уа  рагафон бадзырд  кæнæ  компромиссты  формулæтæ,  иу кæнæ иннæ  фарсы рдгæй æмæ стæй,  ацы  фембæлды фæстæ  уыдзæн  конкретон къахдзæфтæ. Афтæ  тагъд-тагъды   æмæ  виппайды  куы райхъусын кодтой, уый тыххæй  нæ дис кæнын   оппозициимæ фембæлд кæй нæ уыдзæн уымæй», – загъта Нино Бурджанадзе.

Бурджанадзейы  дзырдæй,   зæгъгæ Помпеойы  æрцыды бон, акци хъуамæ  ацæуит.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, йе рцыды бон,  хъуамæ  уа  акци, кæцыйы  бирæ адæймаг райсдзæн хайад,  цæй   зæгъын æй хъæуы  хъæлæбаджын нæ, фæлæ  сабыр  акци.  Кæцыйы фæрцы  гуырдзиаг адæм равдисæдзн  америкаг   уазæгæн  йæ фæнд.  Акци  саразын хъæуы,   цæмæй америкаг  уазæгæн равдисæм  Гуырдзыстоны адæмы  уæгъдибар  æвзæрстытæ  ауадзыны фæнд», –  райхъусын кодта Бурджанадзе.