Нино Бурджанадзе  йæ фыртимæ иумæ  Мæскуымæ  ацыд
Нино Бурджанадзе йæ фыртимæ иумæ Мæскуымæ ацыд

«Иууон Гуырдзыстон-Демокративон  Змæлды»  лидер Нино Бурджанадзе  Мæскуымæ  араст ис.   Бурджанадзе  Уæрæсемæ   йæ  хъæбулимæ,  Анзор Бицъадзеимæ  иумæ  абалц  кодта.

Гуырдзыстоны Фыццаг Кханалæн  партийы  уæнг   Гиорги Ахвледиани  куыд фехъусын кодта афтæмæй,   дыууæбонон визиты фæлгæтты фембæлдтæ  сырæздзæн   политикъон зылдты  минæвæрттимæ  æмæ цух  нæу уый дæр цæмæй   «Демокративон Змæлды»  лидер Мæскуыыйы   медийы  минæвæрттимæ дæр фембæла.

«Нино Бурджанадзе Мæскуымæ   абон ацыд.   Фембæлдтæ бæлвырдæй  кæйимæ сараздзæн  уый  фæдыл   информаци мæм нæй.   Фембæлдтæ  уыдзæн политикъон зылдты минæвæрттиæ,  эксперттимæ æмæ  нæ  ацух кæндзынæн  фембæлдтæ медийы  минæвæрттимæ  дæр.   Уыдон   активонæй  архайынц  æмæ  тынг цымидис кæнынц    Нино Бурджанадзе   Мæскуымæ  куы ныццæуы  уæд.   Ацы ф ембæлдтæ   дыууæ бонмæ фæуыдзысты æмæ алы нысаниуæгджын фембæлды фæдыл  Нино Бурджанадзе  æмæ йæ  пресс-куыст  деталон информаци   райхъусын кæндзысты» –  загъта  Ахвледиани.