Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицимæ хиуылхæцындзинадмæ сиды
Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичс Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицимæ хиуылхæцындзинадмæ сиды.
Латвийы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг йæ фидиуæн социалон хызаг «Твиттеры» ахæлиу кодта.
«Лæмбынæг мæ цæст дарын Гуырдзыстоны, Тбилисы айтынггонд фæзындтæм, сидын хицауадмæ æмæ оппозицимæ, равдисæт хиуылхæцындзинад, баиу уæт политикон диалогмæ, цæмæй аскуыддзаг уа уæвæг политикон кризис» – фыссы Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр.