Эдгарс Ринкевичс – æнхъæлмæ кæсæм, еврокомиссийы  аргълæвæрдмæ, разы стæм  Украинайæн кандидаты статус раттын, афтæдæр сæ фарс хæцæм Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн
Эдгарс Ринкевичс – æнхъæлмæ кæсæм, еврокомиссийы аргълæвæрдмæ, разы стæм Украинайæн кандидаты статус раттын, афтæдæр сæ фарс хæцæм Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн

Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичсы фидиуæнæй,   Латви  разы у Украинайæн   кандидаты статус раттынимæ, афтæдæр   разы у  статус  раттын Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн. Фæлæ  Эдгарс Ринкевичс  Евроцæдисы кандидаты статусы фæдыл ныхасы рæстæджы  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  фехъусын кодта, цæмæй  æнхъæлмæ кæсы  Еврокомиссийы  аргълæвæрдмæ.

«Æнхъæлмæ кæсæм  комиссийы  аргълæвæрдмæ. Куыд æй зонут, афтæмæй,  разы стæм  Украинайæн каниддаты статус раттын, афтæдæр сæ фарс хæцæм Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн.  Мæ дзуапп ахæм у – фæнды мæ еврокомиссийы  аргълæвæрд фенын», – банысан кодта Эдгарс Ринкевичс.

Бакой уын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Евроцæдисы  минæварады  къухдариуæггæнæг Карл Харцеллмæ, Еврокомиссийы  рафарсты  анкеты дыккаг хай 10  зæрдæвæрæны алæвæрдта.