Гуырдзыстонмæ официалон визитæй æрцæудзæн Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр
Гуырдзыстонмæ абон, дыууæбонон официалон визитæй æрцæудзæн Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичс.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты информацийæ, визиты фæлгæтты Латвийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæгимæ фембæдзæн Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, цæй фæстæ дæр дыууæ бæстæйы делегациты ауæрæхгонд форматы фембæлд ацæудзæн.
Гуырдзыстоны уæвгæйæ, Латвийы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг оккупацион хаххы цур уæвæг хъæу Одзисмæ абалц кæндзæн æмæ бынатыл æрзонгæ уыдзæн уæвæг уавæримæ. Уыимæ иумæ, Эдгарс Ринкевичс сæ ном ссардзæн бæстæйы иудзинадæн тохы мард хæстонтæн æмæ Хъайтарты Мемориалмæ дидингуытæ бахæсдзæн. Уый ма афтæдæр ныффыст ныууадздзæн цытджын уазджыты чиныджы.
Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ æмæ парламенты сæрдар Каха Кучъаваимæ.