Лаша Хуцишвили – Цæугæ азы фараст мæйы экономикон рæзт 10.2 прцоенты бæрц уыд, кæцы бæстæйæн у нысаниуæгджын æнтыст
Гуырдзыстоны финансты министр Лаша Хуцишвилийы фидиуæнæй, сентябры экономикон райрæзт 8.8 процент, æрмæст фараст мæйы экономикон рæзт 10.2%-ы бæрц уыд.
«Экономикон активондзинады æрдгæй дарддæр кæны бæрзонд экономикон рæзт, афтæма, уыцы факторы рæзт, кæцы бæрзонд экономикон рæзты ахъаззаг у, уый у экспорты æмæ туризмы æрдæмад. Экспорты æрдæмад фараст мæйы райрæзтис 37%-æй фылдæрæй, туризмы тыххæй та практиконæй нæ бон зæгъын у, цæмæй цæугæ азы нын уыдзæн 2019 азы бæрæггæнæнты 100 %-æй æрыздæхт, кæцы уыд рекордонæй егъау Гуырдзыстонæн. Нæ бон у зæгъæм, цæмай туризм цæугæ азы æххæстæй сног уыдзæн, кæцы нысаниуæгджын хайбавæрд кæны Гуырдзыстоны экономикон активондзинадмæ, экономикон сæндидзынады æрдгæй. Цæугæ азы фараст мæймæ, æртæ кварталы æрдгæй экономикон рæзт у 10.2 процент, кæцы бæстæйæн у ахсджиаг æнтыст», – райхъусын кодта Лаша Хуцишвили.