Лаша Дарсалиа  хъусын кæны, цæмæй Женевæйы бадзырдты 49-æм раундыл карз  фарстатыл уыдзæн ныхас
Лаша Дарсалиа хъусын кæны, цæмæй Женевæйы бадзырдты 49-æм раундыл карз фарстатыл уыдзæн ныхас

Женевæйы  æхсæнадæмон бадзырдты  49-æм раундыонг иу бон раздæр,   ИНО-йы  бæстыхайы,   техникон   равгы  фембæлдтæ  цæуынц  æмæ тæрхон кæнынц  фарстатыл.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæг æмæ  Женевæйы  гуырдзиаг делегацийы  къухдариуæггæнæг,  Лаша Дарсалиа  журналисттимæ ныхасы  куыд банысан кодта, афтæмæй   фарстаты ранымад, ацы раундмæ  тынг   карз у.

 

«Женевæйы  сæйраг темæйы –  æхсæзпунктджын   разыдзинады   сыххæстæй  уæлдай,   уыдзæн   уыцы   фæзындтæ  дæр,   кæцытæ абон тынг  кæнынц  æмæ ныры онг  айтынг сты  оккупацигонд территоритыл æмæ  оккупацион хаххы  дæргъмæ, фæнды æнæзакъонон  бордеризацийы,  ахстыты фарста  æви  фæстагрæстгон фæзындтæ, кæцыты  тыххæй  нысаниуæгджынæй   ныттынггонд  фон  сырæзт оккупацигонд территоритыл»,- банысан кодта Лаша Дарсалиа.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæбæрæг уыдзæн,  ивд  æрцæудзæн æви нæ  исты бадзырдты  мидæг Уæрæсейы  делегацийы  ног къухдариуæггæнæджы  баиуæй.  Бæрæг куыд у  афæмæй,   форматы   саразыны бонæй   ацы афонмæ,   Уæрæсейы  номæй Женевæйы бадзырдты   Григорий Карасин  уыд баст, кæцыйы  постæй  ацыды фæстæ, Женевæмæ фыццаг хатт ныццæудзæн   Сергей  Лавровы  ног хæдивæг  –  Андрей Руденко.