Лаша Дарсалиа – датæйыл кусæм, ныфс нæ ис, паддзахадон арæны делимитацийы комисситы куыст сног кæнын æввахс фидæны уыдзæн гæнæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгс Лаша Дарсалиайы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны паддзахадон арæны делимитацийы паддзахадон комисситы радон фембæлды бвырд дат нырма бæрæг нæу.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ныфс сæм ис цæмæйс комисситы куысты сног кæнын æввахс фидæны уыдзæн гæнæн.
«Нырма мартъийы уыд пълангонж стæй ацы уавæры тыххæй практиконæй æрвылбон иу ивдтам фембæлды датæ. Фæстаг фембæлдыл æрныхас кодтам цæмæй амалуæвгæйæ тагъд æрымбырд уа комисси. Конкретон датæйыл ацы сахат кусæм, цæмæй кæд уыдзæн гæнæн фембæлын, фæлæнæ ныфс ис, цæмæй æввасхс фидæны уыдзæн гæнæн комисситы куыст сног кæнын» фехъусын кодта Лаша Дарсалиа.
Давит Гареджийы хъуыддагыл прокуратурæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады сыхаг бстæтимæ департаменты арæйнон ахастыты куысты хистæр Ивери Мелашвилийы æмæ Гуырдзыстоны МХМ-ы арæйнон пъæлицæйы сурзæххон арæнхъахъхъæды департаменты сæйраг инспекторы Наталиа Иличовайы 7 октябры æрцахста.
Цæугæ азы 17 августы Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы фæдагуырд райдыдта тугтæрхоны барады хъуыддагыл, æндæр бæстæйæн Гуырдзыстоны территорийы хай алæвæрды æрдæм архайды фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 308-æм статийы фыццаг хайæ бæрæг фыдракæнды нысæнттыл.