Владимир Зеленски  ныццæудзæн оккупацион хаххы цур территоримæ
Владимир Зеленски ныццæудзæн оккупацион хаххы цур территоримæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг  Лаша Дарсалиайы  фидиуæнæй,   Украинайы  президент Владимир Зеленски  Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты,  ныццæудзæн оккупацион хаххмæ.

Афтæма,  йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстон æмæ Украинайæн ис æмхуызон  быцæусидт, дыууæдæр  тох кæнынц  Уæрæсейæ  цæугæ агрессийы ныхмæ.

«Владимир Зеленски ныццæудзæн Хурчы æмæ  Ингуры хидмæ, йæ цæст ахæсдзæн   оккупацион хаххыл.  Зондзыстут æй, Гуырдзыстон æмæ Украинайæн  ис æмхуызон быцæусидтытæ. Дыууæдæр тох кæнæм  оккупациимæ.  Дыууæдæр хæцæм  Уæрæсейæ  цæугæ агрессийы ныхмæ.  Оккупацион хаххы цур визит  уыдзæн ноджы иу  хахх  уыцы иумæйаг тас бансан  кæнынæн, кæцыйы раз лæууынц Гуырдзыстон æмæ Украина», – райхъусын кодта Лаша Дарсалиа.