Лабораторион иртасæнмæ гæсгæйæ, Сау Денджызы доны гъæд æппæт периметрыл нормæйы фæлгæтты ис
Уагъд лабораторион иртасæнмæ гæсгæйæ Сау денджызы доны гъæд æппæт периметрыл нормæйы фæлгæтты ис.
Информаци хъусын кæны æрдзы националон агентад.
«Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æрдзы националон агентад Сау Дендлжызы доны гъæды мониторинг фараст станцæйл æрвылмæййонæй уадзы, цæмæй дæр бæрæг кæны сæйраг физикъон-химикон параометртæ – цас цæхджын у уымæ гæсгæ дæр, афтæма доны туаггуыры æмæ биогенон элементтæ куыд сты сконды. Цæуы уæзау металты æмæ органон чъиззигæнджыты иртасæн уæлцъар æмæ доны бын цъары дæр.
Евроцæдисы денджызон стратегийы фæлгæт-директивæмæ æмбæлгæйæ, æрдзы националон агентад хуыздæр кæны мониторингы системæтæ. Ацы этапыл нырид æлхæд у нырыккон стандартты лабораторион мигæнæнтæ, кæцыты фæрцы дырыс сбæрæг вæййы спецификон чъиззигæнджытæ. Æрдзы националон агентады уагъд лабораторион иртасæнмæ гæсгæйæ, денджызы доны гъæд æппæт перимтрыл нормæйы фæлгæтты ис», – банысангонд у ахæлиугонд информацийы.