Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты стæхæн хаххы реабилитацийы фæуды фæстæ тахтытæ сног сты
Давит Агъмашенебелийы номыл æхсæнадæмон аэропорт стæхæн-æрбадæн хаххы планон реабилитаци фæуды фæстæ, рейстæ исын сног кодта.
Фыццаг рейс æхсæвы рæгмæ Минскæйы сыххæст ис, кæцы æрласта 80-ы онг бæлццоны, Кутаисæй та 92 –атахтис. Абон, 12:30 сахатыл рейс Афинæтæй сыххæст уыдзæн, 13:30-ы борт Кутаисæй Ларнакамæ атæхдзæн.
Реабилитацийы проекты бюджет аст милуан ларийы бæрц уыд, кæцы Кутаисы аэропорты оператор компани – Гуырдзыстоны аэропортты иугонд сæрмагонд æфтигтæй амбæрзта. Реабилитацион куыстытæ сыххæст кодта компани «Блек Си Групп». Кутаисы аэропорты стæхæн-æрбадæн хаххы реабилитацийы периоды æртæ къуырийы дæргъы тахтытæ цыдысты Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй.