Хъазахстанæй  Кутаисы æхсæнадæмон  аэропортмæ  абон  87 бæлццон æртахстис, сæ нымæцы 60-ы онг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сты
Хъазахстанæй Кутаисы æхсæнадæмон аэропортмæ абон 87 бæлццон æртахстис, сæ нымæцы 60-ы онг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сты

Хъазахстаны  Республикæйæ  Кутаисы æхсæнадæмон  аэропортмæ  абон  дыууæ   рейс  сыххæст ис.

Актауйы æмæ  Атырауйы  аэропорттæй  æмтгæй райсгæйæ 87  бæлццон æртахт.  Сæ нымæцы  60-ы онг  адæймаг сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ.

Атырауййы  æмæ Актауйы  æрдæм  Кутаисы  аэропортæй дæр сног сты  рейсытæ.   Фæнысангонд  рейстыл æмтгæй райсгæйæ  200-йæ  фылдæр  адæймаг уыд  регистрацигонд.

Бакой уын кæндзыстæм,  знон  сыххæст ис  фыццаг планон   тахт  Нурсултаны æрдæм, кæцыимæ атахтысты  ам  баззайгæ 15-ы онг бæлццон.

Райсом  Кутаисæй  Хъазахстаны  æрдæм   рейсытæ плангонд   не сты.