Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорты ног, 3,5 км дæргъæн  стæхæн-æрбадæн хаххы æмæ аэродромы инфраструктурæйы арæзтад райдайы
Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты ног, 3,5 км дæргъæн стæхæн-æрбадæн хаххы æмæ аэродромы инфраструктурæйы арæзтад райдайы

Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци Кутаисы Давиты Агъмашенебелийы æхс æнадæмон аэропорты ног, 3.5 км дæргъæн стæхæн фæндаг æмæ аэропортон инфраструктурæйы арæзтад райдайы. Информаци Аэропортты цæдис парахат кæны.

Сæ хыгъдлæвæрдтæм гæсгæ, ног тæхæн фæндаджы арæзтад фæахъаз уыдзæн аэропорты цур логистикон центр æмæ уæзласæн терминалы райрæзтæн. Афтæ дæр, фидæны, стыр æмвæзады (афтæ хуынæг уæрæх корпусон) хæдтæхджыты райст Кутаисы аэропортæн фадат ратдзæн дард дæрддзæгтæй ног тæхæн маршруттæ бафтауынæн.

Аэропортты цæдисы информацимæ гæсгæ, проекты инвестицион аргъ у æнæпрецедентонæй стыр – 240 милуан ларийы онг, æмæ æмтгæй райсгæйæ, уый 40 милуан ларийæ фылдæр у, Кутаисы æппæтдунеон аэропорты 2012-2024 азты арæзт капиталон хæрдзтæй .

«Ног, 3,5 километры дæргъæн тæхæн фæндаджы æмæ аэропорты инфраструктурæйы арæзтад у Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты иумæйаг рæзынады пъланы фыццаг этапы хай, кæцы æрæджы фæцис дунейы иуæй-иу сеппæтæй æндæвдадджын авиацион консалтингон компани IATA Consulting-имæ Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы бастдзинад. Арæзтадон куыстуат «Анаги» сæххæст кæндзæн проект æмæ йæ кæронмæ ахæццæ кæнын нысан кæнынц 2026 азы уалдзæджы. Уый фæстæ Кутаисы æппæтдунеон аэропорт уыдзæн Гуырдзыстоны иунæг аэропорт, кæцыйæн йæ бон уыдзæн æнæ арæнæвæрдтæй стыр хæдтæхджытæ райсын. Абон Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт код D-йæ кусы, йæ тæхæн фæндаджы дæргъ у 2,5 км, кæцы рæстæмбис хæдтæхджыты змæлд сифтонг кæны», – ис фыст Аэропортты цæдисы информацийы.