Кутаисы райдыдта адронон терапийы центры арæзтад. Центры арæзтады райдайæны церемонийы Гуырдзыстоны премьер-министр ираклий Гъарибашвили райста хайад.
Мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны ахуырады æмæ зонæдты мнистр Михеил Чхенкели, æхсæнадæмон хæраудæн фонд «Картуйы» цæстдарæг советы сæрдар николоз Чхетиани, Кутаисы æхсæнадæмон университеты ректор Александре Тевзадзе æмæ IBA-ы цæстдарæг советы сæрдар Пьер Мотэ.
Премьер-министр хайад райста арæзтады бынатыл символон капсулæ нывæрыны церемонийы. Ираклий Гъарибашвили банысан кодта,ц æмæй проект æнæхъæнæй фон «Картуйы» финансгондæй цæуы æмæ онкологион низты протонон терапийы аппаратурæ уадзæг дунейы акæнæг компани IBA=имæ æмкуыстгæнгæйæ цæуыдзæн.
«Компани нырид сравдз кодта дыууæ ультранырыккон циклотрон адронон терапийы центрæн. Иу æнæхъæнæй кусдзæнис онкологион низтæн схоскæныныл ультранырыккон терапийы методтæй, кæцы сæрмагонд эффективон у онкологийæ рынчынтæн æмæ сæрмагондæй сабитæн схос кæнынæн; уый уыдзæн регионы прецендент цæмæн нæй æмæ уникалон нысаниуæгы проект, æхсæнадæмон масштабы медицинон уагдон, куы нæ æмбæстæгтæн, афтæ регионы цæрджытæн.
Дыккаг циклотрон уыдзæн протонон терапийы центры æмæ зонадон иртасæн лабораторийæн, кæцы иттæг нысаниуæгджын иртасæнтæ уадздзæн медицинон, атомон æмæ радиацион физикæйы æмæ биофизикæйы» – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.
Медицинон нысæнттæн кусæг циклотроны базæйы протонон терапийы клиникæ байгом уыдзæн, кæцы регионы масштабæй уыдзæн иунæг, цы ран онкологион низтæн хоскæнын цæудзæн нырыккон методтæй.
IBA-ы 2020 азы публикацигонд информацимæ гæсгæйæ, Кутаисы адронон терапийы центр, паицентты райсын гæнæн ис 2024 азы райдайæт.